8 Ма сӕ фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, нӕма ской кӕнут, афтӕмӕй йӕ уӕ Фыд фӕзоны, сымах хъуаг цӕмӕй ӕййафут, уый.
Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ фервӕзын кӕн, ӕдылытӕн мын мӕ сӕр хъазинаг ма фӕкӕн!
Ӕппӕт уыдӕттыл муртаттӕгтӕ тыхсынц; сымахӕн та уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц, уый.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый.
Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,