Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 6:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 6:30
15 Iomraidhean Croise  

Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»


Йесо бамбӕрста, сӕ ныхас цӕуыл у, уый ӕмӕ сын загъта: «Лӕмӕгъуырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый кой цӕмӕн кӕнут?


Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут».


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?»


Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».


Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи ӕрцӕудзӕни, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах та цас хуыздӕр сфӕлынддзӕн, лӕмӕгъуырнджытӕ!


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».


Стӕй Фомамӕ дзуры: «Ӕрбадар-ма де ’нгуылдз ӕмӕ Мын бавнал Мӕ къухтӕм. Ӕрбадар дӕ къух ӕмӕ Мын бавнал Мӕ фарсы хъӕдгоммӕ. Ӕмӕ дызӕрдыг мауал кӕн, фӕлӕ баууӕнд».


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan