Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 6:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Стӕй куы мӕт кӕнат, уӕддӕр уӕ уымӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 6:27
14 Iomraidhean Croise  

Ӕз бамбӕрстон: Хуыцау цы саразы, уый ӕнусон у. Йӕ хъуыддӕгтӕм Ын бафтауӕн ницы ис, аппарӕн дӕр афтӕ. Уыдӕттӕ аразгӕйӕ, Хуыцау тырны уымӕ, цӕмӕй Йын адӕм кад кӕной.


Мадӕр дӕ сӕрӕй сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?


Уӕдӕ дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц,


Уӕдӕ ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма дзурут: «Цы хӕрӕм?», «Цы нуазӕм?», «Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?»


Уӕдӕ ма мӕт кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕни йӕхиуыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты.


Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,


Синагогӕтӕм уӕ куы бакӕной ӕмӕ уӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, цы зӕгъат, ууыл.


Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.


Хуыцау та буары алы уӕнгӕн дӕр скодта бынат, куыд Ӕй фӕндыд, афтӕ.


Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,


Уе ’ппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan