Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 6:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мӕгуырӕн ӕххуыс кӕныс, уӕд ӕй дӕрдтыл ма ныхъхъӕр кӕн. Афтӕ синагогӕтӕ ӕмӕ уынгты фӕкӕнынц дыдзӕсгӕмттӕ — искӕй цӕстмӕ, кады охыл. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 6:2
56 Iomraidhean Croise  

ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!


Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй, хорздзинад ракӕнынмӕ кӕй бӕллын, уымӕн.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.


Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?


Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.


Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.


Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:


Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон къӕвда уыдзӕн — арв сырх-сырхид ӕмӕ хъуынтъыз у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ, боныхъӕд иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын уӕ бон нӕу?


Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?


Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;


уарзынц минасы фынгтыл кадджындӕр ӕмӕ синагогӕты раззаг бынӕтты бадын;


ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй иу дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн — ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн.


Ком даргӕйӕ-иу дыдзӕсгӕмттау уӕхи ма хъуынтъыз кӕнут — уыдон ныттар кӕнынц сӕ цӕсгӕмттӕ, цӕмӕй адӕм уыной, ком кӕй дарынц, уый. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.


Ды та мӕгуырӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ галиу къух ма зонӕд, рахиз цы гӕнӕг у, уый.


Уӕдӕ, куы фӕкувут, уӕд дыдзӕсгӕмтты ма фӕзмут — уыдон уарзынц адӕмы цӕстмӕ синагогӕты ӕмӕ тигътыл лӕугӕйӕ кувын. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.


Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.


уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;


Йесо сын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта. Йӕ чиныджы фыст ис: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.


Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.


Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.


Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.


Дыдзӕсгӕмттӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?


Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?


«Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;


Фӕлӕ сар уӕ сӕр, хъӕздгуытӕ, — сымах ныридӕгӕн уӕ хорзӕхы хай райстат.


Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.


Ӕхцайы лагъз Иудӕмӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо, бӕрӕгбонмӕ сӕ цы хъӕуы, уый ӕлхӕнын кӕнӕ та мӕгуыртӕн исты раттын кӕны.


Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы,


Ӕниу Мыл куыд хъуамӕ баууӕндат, кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут?


Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.


Йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ.


ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.


Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.


Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.


ныфсдӕттӕг чи у — ныфс ӕвӕрӕд; исты дӕттыс — дӕтт ӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ; хистӕр чи у — хистӕриуӕг кӕнӕд зӕрдиагӕй; хӕрзгӕнӕг чи у — хорз кӕнӕд зӕрдӕрухсӕй.


Ӕз ме ’ппӕт мулк дӕр куы байуарон, мӕ буар судзынмӕ куы раттон, уарзт та мӕм куынӕ уа, — уӕд мын уыдӕттӕй ницы пайда ис.


Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй архайын уый сӕххӕст кӕныныл.


Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.


Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.


Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар;


Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.


Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Саул загъта: «Аххосджын дӕн, фӕлӕ мӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы цӕсты ма бафтау. Мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скувон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan