6 Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн, Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.
цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой. Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц.
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»
О Дунедарӕг! Дӕ бӕстӕйӕн саккаг кодтай Дӕ хорзӕх, уацарӕй раздӕхтай Йаковы байзӕддаджы.
Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.
Раст фӕндагмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ чи тырны, уый ссардзӕнис цард дӕр, раст фӕндаг дӕр ӕмӕ кад дӕр.
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.
Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.
Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.
Сымах хайджын уыдзыстут йӕ ныфсӕй, йӕ фарнӕй, уӕ мондӕгтӕ исдзыстут йӕ бирӕ бӕркадӕй.
Фӕллад адӕмӕн бадардзынӕн дон, бафсаддзынӕн фӕлмӕцыдты».
Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.
Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, — Хуыцау уӕ бафсаддзӕн. Тӕхудиаг стут, абон кӕугӕ чи кӕны, уыдон, — сымах худдзыстут.
Сар уӕ сӕр, абоны фырӕфсӕстытӕ, — сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уӕ сӕр, абоны цингӕнджытӕ, — сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут.
Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.
Уыдон нал ӕвзардзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны, хур сӕ нал судздзӕн, ӕмӕ сӕ ӕнтӕф нал бахъыгдардзӕн.