46 Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы уыдон зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. Фӕлӕ Хуыцауы Уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон сты Йӕ растгӕнӕг».
Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс.
Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Уӕхи хизут, рӕстгӕнджытӕ кӕй стут, уый адӕмы цӕстмӕ ӕвдисынӕй, науӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзыстут уӕ Уӕларвон Фыдӕй.
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Левийы хӕдзары куы уыди, уӕд семӕ фынгыл бадти бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ — Йесойы фӕдыл ахӕм адӕм бирӕ цыди.
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ иу фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уый хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ куыд хӕры?»
Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ иууылдӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ.
Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.
Уым та уыдис иу адӕймаг, йӕ ном Закхей — хъалонисджыты хицау ӕмӕ хъӕздыг лӕг.
Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.
Хъалонисджытӕ дӕр ӕм аргъуыд райсынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»
Левий Йесойӕн йӕ хӕдзары ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадти бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма дзы ӕндӕр адӕм дӕр дзӕвгар уыд.
Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»
Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон банымадтой растыл ӕмӕ донаргъуыд райстой Иоаннӕй.
Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“.