41 Фӕндагыл дӕ йемӕ километр ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс чи фӕцӕуын кӕна, уыимӕ ма иу ахӕм ацу.
Куы рацыдысты, уӕд фӕндагыл иу киренӕйаг лӕгыл амбӕлдысты, йӕ ном — Симон, ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.
Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.
Курӕгӕн ратт, ӕфстау агурӕгыл дӕхи ма атигъ кӕн.
Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.
Йесойы марынмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд фӕссахарӕй иу киренӕйаг лӕг ӕрбацӕйцыди, йӕ ном — Симон. Баурӕдтой йӕ ӕмӕ йын Йесойы фӕдыл дзуар йе ’ккойыл фӕхӕссын кодтой.
Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты — мах уый куы бамбӕрстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы уарзт немӕ ис.