Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:40
5 Iomraidhean Croise  

Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.


Фӕндагыл дӕ йемӕ километр ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс чи фӕцӕуын кӕна, уыимӕ ма иу ахӕм ацу.


Де ’хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр.


Кӕрӕдзиуыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ тынг ӕгад кӕны. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Истӕмӕй хъуаг куы ӕййафиккат, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?


Кӕд искӕмӕ, йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи — йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй ницы тӕригъӕды бацӕудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan