39 Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.
Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»
Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, мӕстӕй мӕ марынц, мӕ рустӕ мын цӕвынц.
Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Афтӕ ма зӕгъ: «Уый мын куыд бакодта, ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзынӕн».
Ме рагъ бадардтон, нӕмгӕ мӕ чи кодта, уыдонмӕ, мӕ роцъо та — мӕ зачъе мын чи тыдта, уыдонмӕ. Мӕхи нӕ аздӕхтон, хынджылӕг мӕ чи кодта, уыдонӕй, Мӕ цӕсгом нӕ бамбӕрзтон, тутӕ мыл куы кодтой, уӕд.
Йӕ ныццӕвӕгмӕ бадардта йӕ рус. О, худинаджы бын куы фӕци!
Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.
Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.
Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр.
Йӕ цӕстытыл-иу Ын ныххӕцыдысты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.
Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты фӕрӕдыдтӕн, уӕд ӕй зӕгъ. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»
Кӕрӕдзиуыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ тынг ӕгад кӕны. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Истӕмӕй хъуаг куы ӕййафиккат, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат,
Сымах рӕстгӕнджытӕн тӕрхон куы хастат ӕмӕ сӕ куы мардтат, уӕд уын уыдон та ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.