35 нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцойгӕнӕн у; нӕдӕр Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у.
Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.
Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ:
О Дунедарӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕумӕ дзыназын!
Дунедарӕг — хӕрзаудӕг, Йӕ хорзӕх — ӕнусон, Йӕ иузӕрдиондзинад — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
Мадӕр дӕ сӕрӕй сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу.
„Уӕларв — Мӕ бадӕн, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах, кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.