34 Ӕз та уын зӕгъын: сомы ма кӕнут ӕппындӕр — нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у;
Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.
Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
„Уӕларв — Мӕ бадӕн, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах, кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уӕлдайдӕр, ме ’фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та — «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат.