Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:33
15 Iomraidhean Croise  

Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.


Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз.


Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма хӕт».


Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын ӕй Уый нӕ ныббардзӕн, тӕригъӕд дын фидгӕ уыдзӕн.


Зӕрдаивӕй мацы дзур. Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд-иу дӕ сомы сӕххӕст кӕн: барвӕндонӕй радтай дзырд.


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном хъӕуа-нӕ хъӕуа ма дзур: афтӕ чи кӕны, уымӕн ӕй Дунедарӕг нӕ ныббардзӕн.


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan