29 Дӕ рахиз цӕст дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты фӕлтау дӕ буары хӕйттӕй иу фӕхъӕуӕд.
йӕ комыкъулты ’хсӕн ӕй хъахъхъӕны,
Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».
Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах ӕрзилут денджыз ӕмӕ зӕххыл, цӕмӕй уӕ динмӕ иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат, ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд дзы зындоны хъӕбул саразут — уӕхицӕй дыууӕ хатты фыддӕр.
Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут?
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
Дӕ рахиз къух дӕ рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар — ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бахауыны бӕсты дӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд.
Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?
Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.
Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.
Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ буары тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл тых кӕнат, уӕд цӕрдзыстут.
Фидар хӕцын мӕ буарыл, мӕ дӕлбар ӕй кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн Фарны Уац ӕрхӕсгӕйӕ, мӕхӕдӕг хӕрзиуӕджы аккаг ма разынон.
Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.
Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.