Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:28
20 Iomraidhean Croise  

Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,


Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.


Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,


Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».


Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.


Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ сӕ бауарзта мондаджы уарзтӕй ӕмӕ сӕм минӕвӕрттӕ арвыста Халдейы зӕхмӕ.


Ма ӕрӕмуат у искӕй усимӕ, науӕд дӕхи фӕчъизи кӕндзынӕ.


Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.


Мах зонӕм, Ӕгъдау Удӕй кӕй цӕуы, уый. Ӕз та буардзыд адӕймаг дӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цагъар.


Нӕлгоймаджы искӕй усимӕ баййӕфтой, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр маринаг сты: афтӕ чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Искӕй усмӕ чи фӕрӕдыди, уыцы нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ амӕла ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Фесафут ӕвзӕрдзинад Израилӕй!


Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan