Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:25
19 Iomraidhean Croise  

Ма тох кӕн Хуыцауимӕ, бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй схайджын уыдзынӕ.


Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.


Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йӕ фӕдыл. Бацыд алчеры кӕртмӕ ӕмӕ уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти, цӕмӕй фена, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый.


Уыцы сахары ма цардис иу идӕдз сылгоймаг дӕр. Уый арӕх цыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: „Мӕ рӕстдзинад мын сбӕлвырд кӕн, равзар мын мӕ хъуыддаг“.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.


Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд.


Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan