Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы бацӕуай ӕмӕ дӕм де ’фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг ис, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:23
17 Iomraidhean Croise  

Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.


Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!


Мӕ хъизӕмар мӕ удӕй рох нӕма у,


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ нывонд нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ, иууылсудзинаг нӕ, фӕлӕ — Хуыцауы базонын.


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


уӕд дӕ кувинӕгтӕ уым, нывондхӕссӕны раз, ныууадз, ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой бакӕн.


Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Стӕй, кувгӕйӕ, Хуыцауы раз куы лӕууат, уӕ зӕрдӕйы та искӕмӕ маст куы хӕссат, уӕд-иу ын ныббарут, ӕмӕ уын уӕ Уӕларвон Фыд дӕр ныббардзӕни уӕ тӕригъӕдтӕ.


Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan