Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:15
10 Iomraidhean Croise  

Цырагъдарӕнӕн скӕн авд цырагъы ӕмӕ йыл сӕ ӕрӕвӕр, цӕмӕй йын рухс кӕной йӕ раз.


Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы.


«Ааронӕн зӕгъ: цырӕгътӕ афтӕ равӕрӕд, авд цырагъы цырагъдарӕны раз куыд рухс кӕной».


Йесо сын загъта: «Цырагъ агъуыстмӕ, мыййаг, уый тыххӕй бахӕссынц, цӕмӕй йӕ дурыны кӕнӕ сынтӕджы бын бавӕрой? Цырагъдарӕныл ӕй нӕ сӕвӕрынц?


Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры.


Кӕд дӕ буар иууылдӕр рухс у ӕмӕ дӕм талынгӕй ӕппындӕр ницы ис, уӕд сӕрӕй къӕхтӕм уыдзынӕ рухс, цыма дӕ рухсгӕнӕн рухс кӕны, афтӕ».


Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не ’рфӕлдахы, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, цӕмӕй бацӕуджытӕн рухс кӕна.


цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,


Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.


Уӕдӕ цы бӕрзӕндӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ араз. Куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн айсдзынӕн йӕ бынатӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan