13 Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
Ӕдзӕхх хойраг адӕн кӕмӕн у? Айчы урсы цӕй ад ис?
Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.
Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?