Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:12
51 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Ау, ничи дын фехъусын кодта, ме ’лдар, ӕз цы бакодтон, уый? Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты марын куы райдыдта, уӕд сӕдӕ пехуымпары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхстон ӕмӕ сын уырдӕм хӕрд ӕмӕ нозт хастон.


Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)


Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».


Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!»


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.


Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.


Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у, рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.


Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Куыддӕр Йеремиа, Дунедарӕг ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон адӕмӕн фехъусын кодта, афтӕ йӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ иннӕ адӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ды маринаг дӕ!


Йеремиа йын дзуапп радта: «Уыцы ныхас мӕнг у! Ӕз халдейӕгтӕм лидзинаг нӕ дӕн». Ирийа йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕрцахста йӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕтты размӕ ӕрбакодта.


Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


Ком даргӕйӕ-иу дыдзӕсгӕмттау уӕхи ма хъуынтъыз кӕнут — уыдон ныттар кӕнынц сӕ цӕсгӕмттӕ, цӕмӕй адӕм уыной, ком кӕй дарынц, уый. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уыдон ныридӕгӕн райстой сӕ хорзӕх.


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Цин кӕнут уыцы бон ӕмӕ райут — уӕларвы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: ацы адӕмӕн сӕ фыдӕлтӕ дӕр пехуымпартӕн афтӕ кодтой.


Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы.


Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,


Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.


Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.


Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары мидӕг ӕз архайын, Чырыстийы сӕрвӕлтау мӕ цы хъизӕмӕртты кӕхц бануазын хъӕуы, уый баххӕст кӕныныл — Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.


Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ фӕллойы тыххӕй уӕ Бардарӕг скӕндзӕни Йӕ бындартӕ — уый уыдзӕни уӕ хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ сымах лӕггад кӕнут Бардарӕг Чырыстийӕн.


Бардарӕг Йесойы дӕр ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейӕгтӕ амардтой, мах та фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.


Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ.


Мысыраг хӕзнатӕй йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕфхӕрд ӕййафын, уымӕн ӕмӕ йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ уыди йӕ каст.


Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,


Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл.


Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,


Ме ’фсымӕртӕ, Бардарӕджы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр.


Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.


Уый тыххӕй дын Дунедарӕг Йӕ хорзӕх раттӕд; дӕхи Йе ’вджид бакӕнынмӕ Кӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уыцы Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan