Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 5:10
30 Iomraidhean Croise  

Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ иуварс лидзынц мӕ низӕй, мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад, сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у».


Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.


Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.


Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.


ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕр чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, фидӕны та — мыггагмӕйы цард.


Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.


Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтыл Йӕ цӕст ахаста ӕмӕ райдыдта дзурын: «Тӕхудиаг стут, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Хуыцауы Паддзахад сымах у.


Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы суат, хъоды уыл куы бакӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд.


Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.


Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.


Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.


Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Ды мемӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Бардарӕг.


Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.


Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan