Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уӕд та Йӕ хӕйрӕг иу бӕрзонд хохы сӕрмӕ скодта ӕмӕ Йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ кадимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 4:8
13 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхъӕн сӕдӕ ӕстай боны дӕргъы Ксеркс йӕ паддзахады бирӕ мулк ӕвдыста, йӕ диссаджы исбонӕй ӕппӕлыд.


Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта уаз сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл


Фыд уарзы Фырты ӕмӕ, Йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр кӕны, уый Йын ӕвдисы. Ӕмӕ Йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фенын кӕндзӕн, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan