Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта уаз сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 4:5
11 Iomraidhean Croise  

Кувӕндоны тыргъӕн йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, агъуыстӕн йӕхи уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ мидӕггаг къултӕ йын Соломон састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.


Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.


Сыгъдӕг сахары левиттӕй ӕдӕппӕт уыди дыууӕсӕдӕ ӕстай цыппар.


Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.


О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн!


Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.


Растадысты ингӕнӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр, Йесойы райгасы фӕстӕ, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты ӕмӕ бирӕтӕм раргом сты.


Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Йерусалиммӕ, Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл Ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ,


Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».


Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan