25 Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,
Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.
«Денджызмӕ фӕндагыл, Иорданы фаллаг фарс — Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕхх! Муртаттаг Галилей!
Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,
Йесо хохӕй дӕлӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
Уый ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты.
Сабат куы ралӕууыд, уӕд синагогӕйы амонын райдыдта. Бирӕ адӕм Ӕм хъуыста, ӕмӕ иууылдӕр дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ӕппӕт уыдӕттӕ кӕцӕй зоны? Уагӕры Йын цавӕр уӕлзонд рардӕуыди? Куыд у Йӕ бон ахӕм диссӕгтӕ аразын?
Тирӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Йесо йӕ фӕндаг акодта Сидоныл ӕмӕ Дӕссахары уылты рахызти Галилейаг денджызы былмӕ.
Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.