Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 4:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 4:21
12 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: фыццаг — фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн,


Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.


Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.


Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл араст сты.


Уыдон уайтагъд фӕуагътой сӕ бӕлӕгъ, стӕй сӕ фыды ӕмӕ араст сты Йӕ фӕдыл.


Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны (радта сын ном «Боанергес», ома «Ӕрвнӕрды фырттӕ»);


Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.


Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.


Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan