20 Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл араст сты.
Елисей йӕ галтӕм бацыд ӕмӕ дзы дыууӕйы акусарт кодта. Уый фӕстӕ сын се ’фсондз сугӕн ныссаста ӕмӕ кусӕрттӕгтӕ сфыхта, дзидзатӕ та адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ фӕминас кодтой. Елисей йӕхӕдӕг та араст Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кодта.
Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.
Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз скӕндзынӕн адӕймагахсджытӕ».
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд федта ӕндӕр дыууӕ ӕфсымӕры — Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанны: сӕ фыдимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъызтой. Йесо сӕм фӕсидти.
Кӕсагахсджытӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр былмӕ раластой, ӕд кӕсӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕд хызтӕ уым ныууагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг Йесойы фӕдыл ацыдысты.
мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.