19 Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз скӕндзынӕн адӕймагахсджытӕ».
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.
Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл араст сты.
Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».
Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.
Куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта Алфейы фырт Левийы ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.
Уый фӕстӕ Йесо уырдыгӕй рацыди. Кӕсы, ӕмӕ иу хъалонисӕг, Левий, хъалонисӕн бынаты бады. Йесо йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу».
Ӕндӕр кӕмӕндӕр та загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ Йын уый дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».
Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».
Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.
Йесо йын загъта: «Кӕд ӕмӕ Мӕн афтӕ фӕнды, цӕмӕй уый Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та? Ды цу Мӕ фӕдыл».
Зӕгъӕм, ӕз уӕ мӕхӕдӕг нӕ батыхсын кодтон. Фӕлӕ кӕд, мыййаг, хин адӕймаг дӕн, сайдӕй уыл рацыдтӕн ӕмӕ уӕ афтӕмӕй мӕхи бакодтон?