Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 4:16
14 Iomraidhean Croise  

рухсы цъыртт кӕм нӕй, рухс дӕр талынджы хуызӕн кӕм у, уырдӕм».


Саудалынг ӕмӕ йӕ мӕрдон фӕлм ӕнӕхъӕнӕй сӕхи бакӕнӕнт, сау ӕврагъ ыл ӕртыхсӕд, ӕмӕ йыл тар хурдалынгау стыр тас бафтауӕд!


Зӕххыл ахӕм саудалынг, ахӕм мӕрдон тар нӕй, фыдгӕнджытӕ Уымӕй сӕхи кӕм бааууон кӕной.


Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ ӕгады бынаты уыдысты, фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон: Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.


Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, саудалынджы бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта.


Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.


Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!


Ме знаг, райгондӕй мӕм ма кӕс! Кӕд ахаудтӕн, уӕддӕр та сыстдзынӕн, кӕд мӕ алыварс баталынг ис, уӕддӕр Дунедарӕг у мӕ рухс.


Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan