11 Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.
Илийа аракӕс-бакӕс кодта ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны цур ауыдта зынджытыл фых лауаси ӕмӕ дурыны дзаг дон. Бахордта, бануӕзта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй.
Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?
ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын — сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“».
Ӕдзӕрӕг быдыры Йесо фӕци дыууиссӕдз боны, ӕмӕ Йӕ уым сайтан фӕлвӕрдта. Йесо уыди сырдты ӕхсӕн, зӕдтӕ Йын лӕггад кодтой.
Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.
Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы бафӕлвӕрдта, уӕд Ӕй рӕстӕгмӕ Йӕхи бар ныууагъта.
Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ис ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Бакувӕнт Ын Хуыцауы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр».