8 Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.
Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.
Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди, цӕмӕй уын раст фӕндаг бацамона, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не ’рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.
Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,
уымӕн ӕмӕ рухсӕн йӕ дыргътӕ сты: хӕлардзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.
Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.