Матфей 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст10 Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц. Faic an caibideil |
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.