Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 28:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕндагыл ӕвиппайды сӕ размӕ рацыди Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой Йӕ разы ӕмӕ Йын ныттыхстысты Йӕ къӕхтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 28:9
18 Iomraidhean Croise  

Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!


Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».


уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“


Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты».


ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой.


Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Уыдон Ын зӕххы онг ныллӕг акуывтой ӕмӕ уый фӕстӕ стыр цинимӕ раздӕхтысты Йерусалиммӕ.


Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста.


Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.


Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдӕй уыдысты иумӕ. Иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Уӕд уатмӕ ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»


Ӕмӕ уӕд Фома ныхъхъӕр кодта: «Мӕ Бардарӕг ӕмӕ Мӕ Хуыцау!»


Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan