7 Цӕугӕут рӕвдздӕр ӕмӕ Йын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ис, зӕгъгӕ. Уый уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут. Уый уын мӕ зӕгъинаг».
Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».
Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».
Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты».
Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.
Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд-иу Мӕ Галилейы агурут».
Уый ацыд ӕмӕ хабар радзырдта Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, ныр кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ чи кодта, уыдонӕн.
Уыдон раздӕхтысты ӕмӕ хабар иннӕтӕн дӕр радзырдтой. Фӕлӕ уыдоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты.
Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ис ӕмӕ Йӕхи Симонмӕ раргом кодта, зӕгъгӕ.
Уыдӕттӕ нӕма ӕрцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз ныридӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй, куы ӕрцӕуой, уӕд Мыл баууӕндат.
Фӕлӕ уын Ӕз адӕттӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй, уыцы заман куы ралӕууа, уӕд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, Ӕз уӕ рагацау кӕй фӕдзӕхстон, уый. Раздӕр уын ӕй нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ Мӕхӕдӕг уемӕ уыдтӕн.
бавӕрдтой Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас ис, Фысты куыд загъд ис, афтӕ.
Стӕй уыцы иу рӕстӕг Йӕхи равдыста фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр, иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ, абон дӕр ма сӕрӕгас сты.