6 Ам нӕй — райгас ис, куыд загъта, афтӕ. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыди, уыцы бынат.
Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.
амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты.
Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».
Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.
Петр уӕддӕр фестад ӕмӕ зӕппадзмӕ азгъордта. Ӕргуыбыр кодта, йӕ хуылфмӕ йын бакаст ӕмӕ дзы мардӕмбӕрзӕн йеддӕмӕ куы ницы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти, цы ӕрцыди, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.
фӕлӕ Йын Йӕ мард не ссардтой. Ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ радзырдтой, зӕдтӕ, дам, нӕм фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, Йесо удӕгас у, зӕгъгӕ.
Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».
Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон.
Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».
Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.