Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 28:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 28:5
17 Iomraidhean Croise  

Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Даниил! Сусӕгтӕ бамбарынмӕ тырнгӕйӕ, Хуыцауы раз сӕрныллӕгӕй фыццаг хатт куы ӕрлӕууыдтӕ, уӕд дын тӕккӕ уыцы бон дӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ ӕз уымӕн ӕрцыдтӕн.


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».


Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».


Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты».


Хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мардау фесты.


Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.


Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа! Хуыцау дӕ Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.


Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?


Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan