Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 28:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 28:10
18 Iomraidhean Croise  

Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы кӕстӕртӕй иуӕн цы нӕ бакодтат, уый Мӕнӕн нӕ сарӕзтат“.


Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».


Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы Галилеймӕ, Йесо цы хохмӕ загъта, уырдӕм ацыдысты


Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.


Цӕугӕут рӕвдздӕр ӕмӕ Йын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ис, зӕгъгӕ. Уый уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут. Уый уын мӕ зӕгъинаг».


Фӕндагыл ӕвиппайды сӕ размӕ рацыди Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой Йӕ разы ӕмӕ Йын ныттыхстысты Йӕ къӕхтыл.


Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, стӕй Петрӕн дӕр, Галилеймӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, зӕгъгӕ. Уым Ӕй фендзыстут, Йӕхӕдӕг уын куыд загъта, афтӕ».


Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan