9 Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.
Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый:
Уӕд сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиа цы загъта, уый:
ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.