Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта.