6 Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз уарзын рӕстдзинад, ӕнӕуынон Мын сты тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ. Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн. Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.
Куырм фӕтӕгтӕ! Сымах къогъойы фӕрсудзгӕ кӕнут, теуайы та аныхъуырут!
Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.
Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый.
Сымах та дзурут, зӕгъгӕ, йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа: „Мӕнӕй дӕм цы хауы, уый корбан (ома Хуыцауы номыл мысайнаг) у“,
Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.
Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.