59 Йосеф рахаста марды, гӕн хъуымацы йӕ батыхта
Дунедарӕг уыцы хохыл, ӕппӕт адӕмты цы ’мбӕрзӕн ӕрбатыхта, цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;
Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта. Пилат ын ӕй радта.
ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, уыцы ног зӕппадзы. Бахизӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.
Йосеф балхӕдта мӕрдӕмбӕрзӕн, Йесойы мард ӕриста, батыхта Йӕ уыцы мӕрдӕмбӕрзӕны ӕмӕ Йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; йӕ бахизӕныл ын дур бафӕлдӕхта.
Ауындзӕнӕй йӕ ӕриста, мӕрдӕмбӕрзӕны йӕ батыхта ӕмӕ йӕ, къӕдзӕхы хуылфы цы афтид зӕппадз уыди, уым бавӕрдта.