54 Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»
Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.
«Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».
Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».
Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта:
Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».
Уӕд Ӕй се ’ппӕт дӕр бафарстой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».
Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».
Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.
Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»
Уый ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттимӕ ӕвӕстиатӕй атындзыдта адӕммӕ. Уыдон ӕфсӕддон хицауы ӕмӕ йе ’фсӕддонты куы федтой, уӕд Павелы нал надтой.
Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».
Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.
Италимӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ; уый уыди кесӕры ӕфсӕддон хайӕ.
Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй, ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп кӕной денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;
фӕлӕ, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый ӕвдыст ӕрцыди Йӕ тыхӕй, Сыгъдӕг Уды архайдӕй, мӕрдтӕй райгасӕй; Уый у нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти.
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.