Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

52 Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ мард сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:52
13 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ иуахӕмы израилӕгтӕ иу лӕджы куы ныгӕдтой, уӕд ауыдтой моавӕгты ӕфсад. Фыр тӕссӕй сӕ марды тагъд-тагъд Елисейы зӕппадзмӕ баппӕрстой. Марды буар хаугӕ-хауын Елисейы стджытыл андзӕвыд ӕмӕ райгас ис, йӕ дыууӕ къахыл слӕууыд.


мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.


О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.


Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй ис, ӕмӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ».


Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.


Уымӕн сты сымахӕй бирӕтӕ ӕнӕбон ӕмӕ рынчын; мӕлгӕ дӕр уӕ дзӕвгар акодта.


Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас — чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.


Зӕгъын уын сусӕгдзинад: мах не ’ппӕт дӕр нӕ амӕлдзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фендӕрхуызон уыдзыстӕм.


Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ.


Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan