Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:5
12 Iomraidhean Croise  

Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Йӕ ус ын загъта: «Уыцы ӕнаиппӕй кӕдмӕ лӕудзынӕ? Хуыцауӕн ӕвзӕр зӕгъ ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»


Бӕргӕ, куынӕуал сулӕфин фӕлтау, куы амӕлин ӕмӕ ацы буарӕй куы фервӕзин.


ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».


Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».


Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Захариамӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны куыд тынг ныффӕстиат ис, зӕгъгӕ.


Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.


Авимелех уайтагъд йӕ хотыхдармӕ фӕсидти: «Слас дӕ кард ӕмӕ мӕ амар. Хъуамӕ мачи зӕгъа, Авимелехы сылгоймаг амардта, зӕгъгӕ». Хотыхдар ын йӕ риуы кард ныссагъта, ӕмӕ амарди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan