49 Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ фервӕзын кӕнид».
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.
Сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны стылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йӕ Йесомӕ дзыхмӕ схаста бануазынмӕ.
Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.