Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:43
17 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!


Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.


Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ’вӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ.


Ӕрмӕст уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд Езекиа, ма дзурӕд, Дунедарӕг нӕ фервӕзын кӕндзӕни, зӕгъгӕ. Адӕмты хуыцӕуттӕй искӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын?


цӕмӕй йын зӕгъой: «Сайгӕ дӕ кӕны дӕ Хуыцау, дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, Уый, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй дзуры, уымӕй.


«Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».


ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн».


Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».


уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?


Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan