42 «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах куы у! Ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл уӕд баууӕнддзыстӕм.
«Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах Ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».
«Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».
Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:
Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу!
Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.
«Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»
Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн».
Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»
Мӕ ныхӕстӕ Мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.
Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».
Чи сдзӕбӕх ис, уыцы адӕймаджы дӕр уыдтой сӕ разы лӕугӕ ӕмӕ апостолты ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.