36 Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.
Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».
Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».
Йесо ныридӕгӕн кӕй амарди, уый Пилатмӕ диссаг фӕкаст, сӕдӕйыхицаумӕ фӕсидти ӕмӕ йӕ бафарста: «Раджы амард?»