Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:29
14 Iomraidhean Croise  

Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


О Дунедарӕг, асайдтай мӕ ӕмӕ сайд дӕн. Фӕуӕлахиз мыл дӕ, уымӕн ӕмӕ Ды тыхджындӕр дӕ. Хъазинаг сдӕн ӕрвылбон, алкӕмӕн — хынджылӕггаг!


Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».


Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта.


Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».


Сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой, сындзытӕй кады худ сбыдтой, Йӕ сӕрыл Ын ӕй ӕркодтой


ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan