27 Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис.
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.
Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ.
Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, фӕсидти Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?»
Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.
«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.
Италимӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ; уый уыди кесӕры ӕфсӕддон хайӕ.