Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 27:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 27:24
16 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.


«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»


Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн.


Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»


ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.


Уӕд Ын Симон Петр загъта: «Хицау, канд мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр цӕхс».


Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».


Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan