23 Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.
Пилат та сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Ӕмӕ иууылдӕр схор-хор кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».
Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын».
Мӕлӕты аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.
Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.
Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.